шапка для сайта

Новости

БÆРÆГБОНЫ АРФÆТÆ

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас» зæрдиаг арфæтæ кæны Ирыстоны цæрджытæн цæгатæй хуссармæ, нæ дард æмбæстæгтæн Хетæджы Уастырджийы боны фæдыл!

Нæ фыдæлты рæсугъд æмæ кадджын  бæрæгбон нæм æрбацыд æнусты сæрты æмæ уый у нæ адæмы удварны хæзна, нæ иудзинады нысан!

Алы хæдзары дæр сцæттæ кæндзысты сæ сыгъдæг кувинæгтæ, куывддонтæ цæудзысты Тымбылхъæды дзуармæ, Дунесфæлдисæгмæ  табу кæндзыстæм  æмæ дзы курдзыстæм сабырдзинад, æнæниздзинад, бæркад, амонд æмæ рухс фидæн нæ кæстæртæн, фæдзæхсдзыстæм ыл нæ хъайтар æфсæддонты!

Нæ зынаргъ æмзæххонтæ! Нæ сыгъдæгзæрдæ куывдтæ фехъуысæд  Хуыцаумæ æмæ уыл бæрæгбоны арфæтæ дзæбæхæй æрцæуæд! Фæрнджын æмæ амондджын ут! Хетæджы Уастырджийы хорзæх уæ уæд!

Еналдыты Хъазыбег, Æхсæнадон æзмæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы  Координацион советы сæрдар